'Къухдарӕнты ӕлдар' ӕмӕ дыууӕ астæузаман кадӕджы.
Юлиус Эвола ӕмӕ Джон Рональд Руэл Толкин уыдысты ӕмдугонтӕ, иу фӕлтӕры минӕвӕрттӕ.Сӕ дыууӕ дӕр архайдтой рагон тексттӕ ахуыр кӕнын ӕмӕ интерпретаци кӕныныл.
Юлиус Эвола йӕ историософон уацмыс "Растад нырыккон дунейы ныхмӕ" - йы (Востание против современного мира) равдыста традицийы заууаты ӕмӕ нырыккон дуджы равзӕрды ныв ивгъуыд заманты астӕуккаг ӕнусты таурӕгъты ӕмӕ стыр паддзӕхты тыххӕй анализы бындурыл. Толкин, та, чи зоны, сфæлдыста XX ӕнусы иууыл зындгонддӕр фантастикон эпос "
Къухдарæнты æлдар" ӕмӕ уымӕй бындур ӕрӕвӕрдта жанр "эпикон фэнтези" - йӕн.
Толкины сӕйраг сфӕлдысты сюжет бирӕтӕ, куыд мæм кæсы, зонынц. Йӕ бындуры ӕвӕрд ис, хӕссӕгӕн стыр тых чи дӕтты, ахӕм алӕмӕттаг къухдарӕнты хабар.
Талынджы хицау Саурон цы къухдарӕнтæ сарӕзта, уый йӕ хӕссӕгӕн бар лӕвӕрдта хуымӕтӕг мӕлинаг адӕймаг кӕуыл нӕ фӕтых уыдаид, ахӕм стыр тых.
Ам цымыдисаг уыдзӕн, Юлиус Эвола йӕ чиныджы фыццаг хайы цы дыууӕ кадӕджы тыххӕй фыссы, уыдон дӕр ӕрымысын.
Фыццагмæ гӕсгӕ:
Фридрих II Гогенштауфен райста сусӕггаг "пресвитер Иоаннӕй" алӕмӕттаг къухдарӕн, кӕцы йын фадат лӕвӕрдта æнæуынгæ 'мӕ æнæфæрæхойгæйæ уӕвынӕн. Алæмæттаг къухдарӕны ӕххуысӕй монарх куы "фесӕфт", уæд уыцы цау цуаны рӕстӕджы радзырдта поэт Освальд Фыссæг. Ацы легендӕ, Бруно Глогеры чиныджы "Император, Хуыцау ӕмӕ Хӕйрӕг: Фридрих II Гогенштауфен истори ӕмӕ кадджытӕ" дӕр фыст ӕрцыди.
Дыккагмӕ гӕсгӕ:
Астӕуккаг ӕнусты аллегорийы рагонфӕдзӕхстон Мелхиседек ӕвдыст цӕуы куыд номджын лӕг. Ӕртӕ къухдарӕны байуары йӕ фырттӕн, ӕмхуызон зӕххытӕ бынӕн дӕтгӕйӕ ӕмӕ уымӕй лыг кӕны се ' хсӕн цы быцӕутӕ уыди, уыдон. Мелхиседек уымӕй амоны, пысылмӕттӕ дӕр, уирӕгтӕ дӕр ӕмӕ чырыстӕттӕ дӕр ӕмхуызон нымад кӕй сты ӕцӕг зонындзинӕдтӕ хӕсджытыл, гъе уый. Ацы кадӕг ӕвдыст цӕуы Джованни Боккаччойы ӕртыккаг новеллӕ "Декамерон"-ы.
"Къухдарæнты æлдар" - ы сюжетимæ аналогитӕ, ӕнхъӕл дӕн, ам бӕрӕг сты.
Толкин уыд номдзыд филолог ӕмӕ астӕуккаг ӕнусты стыр специалист - ӕмӕ уыцы кадджыты тыххӕй, ӕнӕмӕнгӕй, дӕр зыдта.
Гъе афтӕ, чысыл фиппаинаг Толкины Стыр уацмысы ӕххуыс кӕны европӕйаг фысгӕ традици хуыздӕр бамбарынӕн.