Смотреть в Telegram
Ӕrfӕnyfӕd
Ӕrfӕnyfӕd
Æз хъумæ ма тæрсон. Тас у зондмарæг. Тас у гыццыл мæлæт, кæцы 'рхæссы быны сæфт. Æз слæудзынæн мæ тасы ныхмæ. Æз æй бауадздзынæн мæ сæрты 'мæ ме 'хсæнты ахизын. Æмæ куы аивгъуыйа, уæд мæ миддзæст ахæсдзынæн йæ надвæндагыл. Уым, кæм цыди тас, уыдзæн ницы. Æрмæстдæр…
Фриментӕ 'мӕ цӕгаткавказӕгтӕ
Фрэнк Герберты "Дюнӕ" - йы дунейы фрименты(ӕдзӕрӕг планетӕ Арракис-ы цӕрӕг адӕм) культурӕйы, ис ирдӕй ӕвдисӕг миниуджытӕ, кӕцытӕ ‘мдзыд сты Кавказы адӕмы традициты ӕмӕ историон фӕлтӕрддзинадимӕ. Фриментӕ-сты, сӕ цардӕвӕрд ӕдзӕрӕг быдыры карз уавӕртӕй бӕрӕг кӕмӕн у ӕмӕ сӕ фӕрӕзтӕ ӕддагон тыхты экспанцийӕ хъахъхъӕнын кӕй хъӕуы, аххæм этникон къорд. Се ' хсӕнадон структурӕ арӕзт у фидар адӕмыхӕттыты бастдзинӕдтыл, намысы культыл ӕмӕ карз ӕгъдӕуттыл, уый зӕрдыл лӕууын кӕны традицион кавказаг ‘хсӕнады фидар ӕгъдӕуттӕ. Афтӕ Кавказы адӕмтау фриментӕ дӕр кадджын сты хӕстон арӕхстдзинӕдтӕй, уыдон сты канд хи бахъахъхъӕныны элемент нӕ, фӕлӕ ма культурон идейондзинады иу хай дӕр. Дыууӕ ӕхсӕнады мидæг дӕр арӕзт цӕуы аирвӕзыны ӕмӕ фӕразондзинады философи, уым ӕрдзон уавӕртӕ ӕмӕ ‘ддагон ӕндӕвдады тас, уымӕй уӕлдай ма ӕфтауынц традицийы, культурӕйы ӕмӕ хæдбындуры аргъ.
Поделиться
Telegram Center
Канал
Присоед.