View in Telegram
Ны фыдӕлтӕ варягтӕ галлтӕ сты Францаг колониализм ӕмӕ империон экспанцийы заман фразӕ "нӕ фыдӕлтӕ — галлтӕ сты" райста ног политикон ӕмӕ идеологон хуыз. Ацы фразӕ сси пропагандӕйы сӕйраг инструмент, йӕ нысан уыд иумӕйаг французаг наци саразын, цыма канд францусӕгтӕм нӕ, фӕлӕ, кӕй басастой, уыцы адӕмтӕм дӕр хаудаид . Уыцы контексты галлтæ систы Францы ӕппӕт цӕрджыты иумӕйаг "фыдӕлты" символ, сӕ равзӕрд нӕ хынцгӕйӕ XIX ӕнусы кӕрон ӕмӕ XX ӕнусы райдианы Франц йӕ африкаг ӕмӕ азиаг колонитæ тынг парахат кæнын куы райдыта, уӕд уыцы хъуыды ноджы тынгдӕр рахæлиу ис.​ Колониалон хицауад размӕ кӕнын байдыдта, бындурон адӕмтӕ культурон ӕмӕ политикон ӕгъдауӕй "францӕгтӕ" хъуамӕ кæй суой, зӕгъгӕ, ахæм​ хъуыды.Колониты бакодтой Францы истори, уым сывӕллӕттӕн дзырдтой галлты тыххӕй, куыд ӕппӕт францӕгты символикон фыдӕлты тыххӕй, ӕмӕ уыцы хъуыды ӕвдыст ӕрцыд суанг бынӕттон цӕрджытӕн дӕр.Афтӕмӕй африкаг ӕмӕ азиаг сывӕллӕттӕн уырнын кæнын райдыдтой, уыдон дӕр галлты "бындартӕ" кӕй сты,​ се 'цæг этникон æмæ культурон бынмæ нæкæсгæйæ Афтӕмӕй, фразӕ "нӕ фыдӕлтӕ — галлтӕ сты" сси культурон ассимиляцийы идеологийы символ, уый хӕцыд францаг империализмы фарс ӕмӕ ӕххуыс кодта францаг нацийы "æппæтылæххæссæг" иллюзи аразынӕн. https://t.center/Sidaemon/2884
Telegram Center
Telegram Center
Channel